Оригинальные идеи,

сценарии для досуга

Материалы для обучения

в любых сферах

Готовые решения

на любой возраст

Зарабатывайте

на своих креативах

Возраст
Предметы
Классы
Категория
Формат
Цена
  1. Главная
  2. Другое
  3. Конспект урока "Хъуыдыйад. Хъуыдыйады хуызтае"

Конспект урока "Хъуыдыйад. Хъуыдыйады хуызтае"

Конспект урока для 5 класса Урочы темæ: Хъуыдыйад. Хъуыдыйады хуызтæ. Дæлтемæ: Къостайы сфæлдыстад. Урочы нысантæ: 1. Рацыд æрмæг фæлхат кæнын 2. Скъоладзауты дзырдуат фæхъæздыг дæр кæнын. Диалогон ныхасы рæзтыл бакусын. Урочы хуыз: рацыд æрмæг фæлхат кæныны урок Урочы фæлгонц: компьютер, дидактикон æрмæг, презентаци.

Возраст

Старшие классы, Средние классы

Предметы

Другое

Категория

Другое
Формат Текстовые документы
Бесплатно

Цифровая загрузка

Описание Отзывы (0) Вопросы автору (0) Другие проекты автора

Описание проекта

Хъуыдыйад. Хъуыдыйады хуызтæ.

Ахуыргæнæг: Туаты Регина Георгийы чызг

Урочы темæ: Хъуыдыйад. Хъуыдыйады хуызтæ. Дæлтемæ: Къостайы сфæлдыстад.

Урочы нысантæ:

  1. Рацыдæрмæг фæлхат кæнын

  2. Скъоладзауты дзырдуат фæхъæздыг дæр кæнын. Диалогон ныхасы рæзтыл бакусын.

Урочы хуыз: рацыд æрмæг фæлхат кæныны урок

Урочы фæлгонц: компьютер, дидактикон æрмæг, презентаци.

Урочы эпиграф:

Ирон Дзырд Хуыцаумæ уыд фыццаг

Фæлæ йæ радта уарзонæй йæ фыртæн

Ирон дзырдæн йæ хуыцау ныр – Къоста.

Хъодзаты Æхсар

УРОЧЫ ЦЫД:

I.Орг. хай

-Уæ бон хорз сывæллæттæ !(Ахуыргаенаег) Абон нæм нæ урокмæ æрбацыдысты уазджытæ.Цы загъын хъауы?

- Уæ бон хорз ! Æгас нæм цæут, нæ зынаргъ уазджытæ! (Сывæллæтттæ)

-Сывæллæттæ, цыдæр æнкъард мæм кæсут.Кæрæдзимæ-ма бахудæм.

Мах скъолайы стæм,

Æмæ ууыл хъуамæ цин кæнæм,

Нæ лæмбынæгдзинад рæзы,

Нæ зонындзинæдтæ фидарæй фидардæр кæнынц,

Мах цæттæ стæм кусынмæ? (Сывæллæтттæ)

- Уæдæ райдайæм кусын кæд цæттæ стæм уæд.

II.Хæдзармæ куыст

-Сывæллæттæ, хæдзармæ куыст нын цы уыдис? (Раффыссын Къостайы æмдзæвгæтæй æртæ хъуыдыйады)

-Цы у хъуыдыйад? Цаваер хуызтае ис хъуыдыйадæн?

- Бакæсæм уада нæ хъуыдыйадтæ.

(Сывæллæттæ кæсынц хъуыдыйæдтæ)

-Тынг хорз! Абоны урокмæ тынг дзæбæх бацæттæ кодтат уæхи.

III. Рацыд æрмæгыл бакусын


-Абон нæм уыдзæн цымыдисаг урок. Мæ фарстæн дзуапп куы раттат, уæд нæ урокæн базондзыстут йæ темæ.

Къух дæ ауызын фæразы…
Мæй дæ авдæнимæ хъазы.
Стыр лæг мын ысуай!..
А-лол-лай!..

Цавæр æмдзæвгæйæ ист сты ацы рæнхъытæ? Чи у йæ автор?

Дзуапп: Хетæгкаты Къоста «А-лол-лай!..».

Ах. Уæдæ мах сымахимæ абон ныффидар кæндзыстæм нæ зонындзинæдтæ Къостайы царды æмæ сфæлдыстадæй .

(Эпиграфима бакусын)

1)Текстимæ куыст

Тексты бавæрын цухгонд дзыдтæ

Хетæгкаты Къоста райгуырд 1859азыкæфты  мæйы 15 бон Нары хъæуы. Йæ фыд Леуан уыдис зонджын адаеймаг. Къоста куы райгуырд, уæд йæ мад Маро амард. Сабийы йæхимæ хъомыл кæнынмæ ахаста…Чендзе. Амард Къоста 1906 азы. Ныгæд æрцыд Лабæйы., уый фæстæ та ныгæд æрцыд  Дзæуджыхъæуы.

2)Викторинае «Куыд зоныс Къостайы»

- Дæзæбæх. Ныр та дзуапп раттæм нæи цыбыр викторинæйы фæрстытæн .

«Куыд зоныс Къостайы»

1. Къоста райгуырд?

а) Нары

æ) Ламардоны

б) Мызуры

2. Кæцы комы?

а) Куырттаты комы

æ) Уæлладжыры комы

б) Дыгургомы

3. Къостайы сæйраг чиныг у?

а) Ныстуан

æ) Ирон фæндыр

б) Дзæбидырдзуан

4. Къоста фыста?

а) Иронау

æ) Уырыссагау

б) Гуырдзыйагау

5. Къоста ахуыр кодта?

а) Мæскуыйы Университеты

æ) Петербурджы аивæдты академийы

б) Берлины аивæдты академийы.

6. « Ирон фæндыр райдайы» æмдзæвгæйæ?

а) Сидзæргæс

æ) Ныстуан

б) Додой

9. Ранымайут, Къоста сывæллæттæн

цы уацмыстæ ныффыста, уыдон.

«Гино»,

«Скъолайы лæппу»,

«Фыдуаг»,

«Кæмæн цы»,

«Уасæг», «Лæгау»,

«Дзывылдар»,

«Зæрватыкк»,

«Цъиу æмæ сывæллæттæ»

( Кæрæдзийы куыстытæ сбæрæг кæнын. Раст дзуæппыттæ фæйнæгыл)

4)Æрбакæсут ма фæйнæгмæ. Лæвæрд хъуыдыйæдты ссарут рæдыдтытæ.

а) Рагæн нæртон лæгау зарин куы зонин.

æ) Додой фæкæнæт мæ райгуырæн хæххтæ

б) Халон бархæфст рындзыл

в) Цæйут æвсымæртау ратæм нæ къухтæ

5)Сбæрæг кæнут хъуыдыйæды хуызтæ.

1) Фест райсомæй лæгау,ныхс сапонæй дæхи.

2)Æнгуырдар- дзывылдар, кæм хæтыс зымæг?

3)Рухсмæ æнæзивæг цомут æнгомæй!

7)Индивидуалон куыст карточкæтыл

Дзырдтæй саразут хъуыдыйæдтæ

Раст арæзт куы æрцæуой, уæд бакæсæн уыдзæн Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæтæй рæнхъытæ, стæй æмбисонд.

а) Фæсмон фæкæнын, ды, чи, мæрдты дзыназын, ныййарæг.

Дзуапп: Фæсмон фæкæна, мæрдты дзыназа дæу чи ныййардта.

б) Хох, сæмбæлын,хох,лæг, кæддæр, нæ,лæг.

Дзуапп: Лæг лæгимæ кæддæриддæр сæмбæлдзæн, хох хохимæ – нæ.

в) Фæхæссын, мæ,зæгъын,уæддæр фæстæмæ, æз, иунæг, сæр, æз, Ир, æз Райгуырæн бæстæ.

Дзуапп: Фæхæссон – ма загътон,уæддæр

Фæстæмæ мæ иунæджы сæр

Мæ Ирмæ, мæ Райгуырæн бæстæм.

8)Фæйнæгыл фыст дзырдтæн бацамонут сæ нысаниуджытæ

Фыййау –

Хъомгæс –

Уалыгæс –(правописание)

Лæскъдзæрæн – фыййауæй æххуырст цæуын. Йæ мыздмæ йын лæвæрдтой фосы цæуæтæй хай.

( лæскъ – лыстæг фос)

Текстимæ куыст(ныхасы рæзтыл куыст)

Раджы уæйыгмæ лæскъдзæрæн

Иу мæгуыр лæг цард

Нал уыд мæгуыр лæг йæ сæрæн

Удхарæй æм мард.

Адæммæ кæм нæу фыд-зæрдæ

Иуцæстон сæтой

Хоры къутуйау йæ тæнтæ

Бинаг был – кæфой.

Фос цæуæт кæнын нæ уагъта, -

Алыбон хæргæ!

- Цæй – ма, - лæг ын иу хатт загъта, -

Ахицæн мæ кæ!

- Хорз мæ хур, кæд нæ фæнды, -

Цу! Дæ фæндаг раст!...

Лæскъдзæрæг дæр ма кæм уæнды, -

Уромы йæ маст.

Кусы та…Хуыцау æй зоны,

Цас ма йæм фæци…

Атъæпп уа, цы фыййау хоны

Амонджын йæхи!

Махон дзы йæ сæфт ыссардта, -

Байсысти йæ туг!

Иу бон хизæнæй æртардта

Йе фсæст фосы дзуг.

Уæйыг дæр кæцæйдæр ссыди, -

Артау сыгъд йæ сæр,

Къæхтыл ма тыххæй хæцыди, -

Банызта кæмдæр!

Дзурын ма зынæй фæразы

Бухъхъытæгæнгæ,

Загъдæмхаст фыййауæй хъазы:

- Хорз лæг дæ, бæргæ,-

Дзуры йæм, - фæлæ кæд уарæм.

- Уæд дзæбæх, нывыл.

Туг кæрæдзийæ нæ дарæм,

Байхъус мæм чысыл!

Алырдæм дæр æй куы барай,

Ай нæ хуыздæр хос:

Кæд ды дзырд мæ дзырдмæ ссарай, -

Дæу фæуæд мæ фос!

Науæ фосæй дæр æнæ хай,

Хизгæ дæр лæвар…

- Хорз, - зæгъы, - уæдæ цы зæгъай!

Хорз, фæуæд дæ бар!

Ах. Лæскъдзæрæн уæ цæстытыл цавæврæй ауад? Цавæр адæймаг у?

Дзуапп: уæздан, хиуылхаст, фæллойуарзаг.

Ах. Уæйыг - та уæм цавæр фæкаст?

Дзуапп: магуса, æлгъаг, рассыггæнæг.( дзырдтæ фыст цæуынц фæйнæгыл)

Ах. Куыд хуыйнынц лексикæйы сæ нысауниуджытæ ныхмæвæрд кæмæн сты, уыцы дзырдтæ?

Дзуапп: Антонимтæ

IV. Урочы хатдзæгтæ:

Нæ абоны урок кæронмæ архæццæ æмæ ма мын зæгъут цавæр зонындзинæдтимæ ацæудзыстут ирон æвзаджы урокæй? Цы бадардзыстут уæ зæрдыл?

Мæнмæ гæсгæ нæ абоны урочы хæстæ сæххæст кæнын нæ къухы бафтыд.

( слайд Къостайы цард æмæ сфæрдыстад)

V .Х\К 

Ныффыссын сочинени « Мæ мадæн мæ зæрдæ зæгъы…..»« Мæ мад амондджын кæд уыдзæн»

VI.Сывæрын бæрæггæнæнтæ.

Отзывы (0)

Рейтинг проекта:
0

Вопросы (0)

Другие проекты автора

Конспект урока для 5 класса Урочы темæ: Хъуыдыйад. Хъуыдыйады хуызтæ. Дæлтемæ: Къостайы сфæлдыстад. Урочы нысантæ: 1. Рацыд æрмæг фæлхат кæнын 2. Скъоладзауты дзырдуат фæхъæздыг дæр кæнын. Диалогон ныхасы рæзтыл бакусын. Урочы хуыз: рацыд æрмæг фæлхат кæныны урок Урочы фæлгонц: компьютер, дидактикон æрмæг, презентаци.
0 ₽
Урок мужества на тему: «80 лет со дня освобождения Ленинграда от фашистской блокады» Цель: воспитание нравственно-патриотических качеств у молодого поколения. Задачи: • Привлечь внимание к истории нашей Родины. • Воспитывать чувство патриотизма, сознательности, сопричастности к великим историческим событиям. • Расширить кругозор учащихся в рамках исторически значимых событий нашей страны
0 ₽
Мивдисджыты бындуртæ Адæмæн уарзон Къоста Нысантæ: ахуыргæнинæгтæн бацамонын мивдисджыты бындуртæ; диалогон æмæ монологон ныхас сæм рæзын кæнын; алыхуызон хъуыдыйæдтæ аразыныл, текст æвзарыныл сæ ахуыр кæнын; ирон адæмы зындгонддæр фыссæг Хетæгкаты Къостамæ сæрыстырдзинад æвзæрын кæнын. Цæстуынгæ æрмæг: урочы эпиграф фæйнæгыл фыстæй, таблицæтæ мивдисджыты бындурты тыххæй, нывтæ, хуызистытæ, чингуытæ. Урокмæ æмхасæнтæ: ирон æвзаджы ахуыргæнæн чиныг, фæсарæйнаг дзырдты, терминологион æмæ æмбарынгæнæн дзырдуæттæ; техникон фæрæзтæ (музыкалон центр, компьютер). Дзырдуатон æрмæг: арф хизын зæрдæмæ, мæстæлгъæд, фæндаг дарын, ном сæвæрын, фæндаг кæнын, фæраст уæвын, бæгъатыр, адджын. Методикон мадзæлттæ: фæлхат кæнын; фæрстытæм гæсгæ арæзт беседæ; текст аивæй кæсын; фæлтæрæнтæ æххæст кæнын.
0 ₽