Къостайы фæдонтæ 2017-2018аз.
Коцойты Арсен, Бестауты Георги, Хъодзаты Æхсар.
Чехойты З.Х.
Сценæйыл стъол. Йæ уæлхъус бадынц æртæйæ.
Музыка . /за кулисами и на экране/слайд
Ведущая :Нæртон фæсивæд, амондыл хæст ут,-
Æнус – æнус зæххы фарнæй æфсæст!
38 –æм скъола уæ хоны литературон къæбицмæ
Амонæг. Къостайы фарн фæлтæрæй фæлтæрмæ.
Уæ бон хорз , зынаргъ уазджытæ . Нæ абоны фембæлды мах фæнды æрныхас кæнын ирон литературæйы минæвæрттæ . нæ юбеляртæ :
Коцойты Арсен – йæ сæдæ цыппор фондз азы; / слайд
Бестауты Георги – йæ æстай фондз азы æмæ /слайд
Хъодзаты Æхсары æстай азы фæдыл. /слайд
Ныхасы бар дæуæн………………
1 –аг. Æз зæгъдзынæн Арсены тыххæй. Коцойты Арсены сфæлдыстад у ирон литературæйæн йæ кад æмæ сæрыстырдзинад. Арсены æхсæнадон – рухсадон æмæ сфæлдыстадон куыстæн стыр аргъ скодта Советон хицауад : фыссæг 1939 азы хорзæхджын æрцыд орден «Кады нысан»-æй.
Арсен уыд царды трагизмы нывгæнæг. Лæгдзинад æмæ рæсугъд удыхъæдыл кадæджы хуызæн у радзырд «Саломи» дæр. Ацы уацмыс бæрзонд исы мады фарн, мады намыс.
Муз. Вставка. Сценка «Саломи».
Архайджытæ : мад…………….
Сопи……..
Мелани……………..
Сценæйыл фæзындысты Саломи йæ чызджытимæ.
Сопи : - кæдæм цæуæм, кæдæм ,нана? Æмæ цæмæ цæуæм?
/ мадæн йе ккойы тыхтон,афтæмæй размæ тындзы æмæ дзуры.
Мад: - Рауай , мæ хуры хай, уазал у. Дзургæ бирæ ма кæн.
Сопи: -Нана, фæлæуу-ма мæ къæхтæ риссынц!.. / Саломи размæ тындзы.
Мад: - Рауай, рауай, мæ хуры чысыл, фалдæр нæ фæллад суадздзыстæм!
/ цæуынц дарддæр,бафæллад Саломи дæр.Æрлæууыд.
Мад: Ам æрæнцайæм æмæ фæйнæ къæбæры бахæрæм.
/ куыддæр пæлæз æрытыдтой , афтæ топпы гæрæхтæ райхъуыст.
/ТОППЫ ГÆРÆХТÆ
/ Саломи фестъæлфыд.
Мад: - Æрбаййæфтой нæ меньшевикты æфсæдтæ!.. /айхъуыста, фæуагътæ йæ дзæкъултæ, æрбахъæбыс кодта сывæллæтты.
- Фалдæр алцы дæр ссардзыстæм.
/Сопи йæ хъæбысы ,афтæмæй размæ тындзы.
-Цомут , уæртæ уым бамбæхсæм! / Меньшевикты ауыдта
_Уæртæ сты.
_ Ау, мæ зæрдиаг хъæбулты хуытæ бахæрой?..
/ Сопийы былæй фехста.Мелани фæтарсти, скуыдта æмæ лидзынмæ фæци. Мад æй рацахста, фæстæмæ акасти
- Нæ уын батайдзысты ацы мæстытæ, ацы æфхæрдтæ!
/ Мад йæ хъæбулы æрбахъæбыс кодта æмæ дыууæйæ дæр былæй сæхи аппæрстой.
Муз. вставка.
Амонæг. Бирæ хъæздыг бынтæ ныууагъта аив дзырды зæрингуырд ирон литературæйæн.
Дарддæр кæнæм нæ ныхас. ………………….. дæ хорзæхæй, цалдæр ныхасы Бестауты Георгийы тыххæй.
2 –аг. Георги уыд курдиатджын фыссæг æмæ дæсны тæлмацгæнæг. Æгъуызаты Иуанейы «Алгъуызы кадæг»-ыл афтæ зæрдиагæй бакуыста æмæ тæлмац оригиналæй аивдæр рауад , æрмæст уыцы тæлмацæй дæр ирон литературæйы хæзнадон дзæвгар фæхъæздыгдæр ис.
Мæ ныхасы кæрон мæн фæнды расидын нæ ирон чызджытæм Георгийы ныхæстæй:
Нæртон чызджытæ, рухс амонд уæ хай!
Зæххыл æппæт ысфæлдисæг у мад,-
Нæртон мады ном фарнимæ хæссут.
Сымахæй цæудзæн уарзт æмæ хæрам дæр,
Зæнæг уын ахæм рацæуæд, фæлтæртæм
Фыды уæзæджы судзгæ уарзт, лæгдзинад,
Нæртон æгъдау, нæртон кад æмæ намыс,
Тырысайау, куыд адæттой сыгъдæгæй!
Нæртон кæстæртæ, цардамонд уæ хай!..
ДЕВИЧИЙ ТАНЕЦ
Амонæг. Хъодзаты Æхсарыл сæххæст 80 азы. Саккаг ын кодтой адæмон поэты кадджын ном. Хъодзаты Æхсары æмдзæвгæтæ зæлынц æрмæст ирон æвзагыл нæ,фæлæ уырыссаг,гуырдзиаг,цæцæйнаг,эстойнаг,чувашаг æмæ бирæ æндæр æвзæгтыл.Æз уын дзы иу бакæсдзынæн.
Цымæ цы дарын сау мигътæй,цы хæс?
Уæларвы цъæхæй,хуры рухсæй цух дæн;
Уæзвад уарынтæм удæсы мæ къæс,
Æмæ кæнын æмхасæнтæ мæ къухтæм.
О Галæгон! Дæ базыр дард фæхæсс,
Дæ нæргæ хъæлæс-зарджыты рæсугъддæр.
Ды- цард ногггæнæг, сараз нын фæрæз,
Сæ рохтæ суадз дæ мигъæмдзу æфсургътæн.
Æнæ дæу зæхх æндзыг вæййы,æфсырд,
Æнæ дæу бæстæ сæвæры цъæх хъуына,
нæхимæ дæр нæ фæхъуысы нæ дзырд.
Кæрдæг, бæлас-бындзарæй сæ нынкъуыс,
Дæ дымгæ , уадз, йæ бæттæнтæ ыскъуына!
Ысуадз йæ бынæй талынг арвæн рухс!
Нæ зынаргъ фæсивæд. Утæппæт бынтæ æмæ хæзнатæ нæ хистæртæ сымахæн уадзынц æмæ сын аккаг аргъ кæнын уæ къухы бафтæд. Уæ кадджын хистæрты ном хæссын уæ бон ткуыд уа, ахæм амонд та уын Хуыцау раттæд!
Зарæг «Ирыстон» Айларова.
Амонæг. Уыйадыл нæ равдыст фæци. Иннæ фембæлдмæ.
На поклон под музыку.