Сценарий телемоста «Владикавказ – города мира»
Место проведения: центральный парк им. К.Л. Хетагурова
Видео фон: горы, орел
Музыкальный фон: минус песни «Синий город»
На фоне музыки журналист читает стихотворение
Первая строчка звучит прямым, дальше идет фон и показываем город.
Журналист: Дзæуджыхъæу уарзон æмæ адджын у æрмæст йæ цæрджытæ æмæ уазджытæн нæ, фæлæ фæсарæйнаг бæстæм чи рафтыд æмæ Уæрæсейы иннæ горæтты чи цæры, уыдонæн дæр.
Абон техникæйы фæрæзтæ ахæм стыр гæнæнтæ дæттынц æмæ мах сфæнд кодтам саразын телемост не мзæххонтимæ.
Табуафси.
Дзæуджыхъæу - Мæскуы
Журналист: Мæскуы, Дзæуджыхъæу æнхъæлмæ кæсы.
Хъусут мæ?
Ангелина: Хъусын дæ Дзæуджыхъæу.
Журналист: Ангелина, дæ бон хорз!
Ангелина: Аннæ, дæуæн дæр зæрдиаг саламтæ
Журналист: Мæскуы дæ зæрдæмæ фæцыди?
Ангелина: Мæскуы фæцыди мæ зæрдæмæ æнæмæнгæй.
Журналист: Нæхи горæтæй тынгдæр?
Ангелина: Мæскуыйы бирæ зындгонд æмæ рæсугъд бынæттæ ис, фæлæ уæддæр нæхи горæт æндæр у, адджындæр.
Журналист: Разы дæн демæ, Ангелина. Фембæлдмæ.
Ангелина: Хæрзбон
Дзæуджыхъæу –Сочи
Журналист: Сочи, Дзæуджыхъæу æнхъæлмæ кæсы. Хъусут мæ?
Ленæ: Хъусын дæ Дзæуджыхъæу.
Журналист: Ленæ, Зæрдиаг саламтæ Дзæуджыхъæуæй.
Ленæ: Дæ салам бирæ, Аннæ.
Журналист: Сочи рæсугъд горæт у? Фæнды мæ йæ фенын.
Ленæ: Рæсугъд у, кæй зæгъын æй хъæуы, фæлæ нæхи горæтæй рæсугъддæр нæй.
Журналист: Æмæ дзы дæ зæрдæмæ тынгдæр кæцы уынгтæ, кæцы бынæттæ цæуынц.
Ленæ: Уæлдай фылдæр уарзын Терчы был. Арæх æй мысын.
Журналист : Æмбарын дæ. Æз дæр дзы арæх тезгъо кæнын. Бузныг дын, Ленæ, фембæлдмæ.
.
Дзæуджыхъæу- Бетъырбух
Журналист: Бетъырбух, Дзæуджыхъæу æнхъæлмæ кæсы.
Хъусут мæ?
Зæринæ: Хъусын дæ Дзæуджыхъæу.
Журналист: Зарина, зæрдиаг салам дын Дзæуджыхъæуæй!
Зарина: Аннæ, дæуæн дæр зæрдиаг салам.
Журналист: Зæринæ, мах зонæм ахуыр кæнынмæ Бетъырбухмæ кæй ацыдтæ, уый. Горæт дæ зæрдæмæ фæцыди?
Зарина: Фæцыди æнæмæнгæй.
Журналист: Нæхи горæтæй тынгдæр?
Зарина: Бетъырбухы бирæ зындгонд æмæ рæсугъд бынæттæ ис, фæлæ уæддæр нæхи горæт æндæр у, адджындæр.
Журналист: Разы дæн демæ, Зæринæ. Æмæ куыд арæх абæрæг кæныс дæ райгурæн горæт?
Зæринæ: Тынг арæх, мæнæ та рæхджы( рæхчы) цæуинаг дæн.
Журналист: Æнхъæлмæ дæм кæсæм.
Зарина: Хæрзбон
Дзæуджыхъæу – Ессен
Журналист: Дзæуджыхъæу æнхъæлмæ кæсы. Хъусут мæ?
Вадим: Хъусын дæ Дзæуджыхъæу.
Журналист: Вадим, салам дын дæ уарзон горæт Дзæуджыхъæуæй.
Вадим: Бузныг, Аннæ, дæ салам бирæ!
Журналист: Вадим, мах зонæм ды Германийы дæ уый, фæлæ цы горæты?
Вадим: Æз цæрын ………. Зæххы, горæт Ессены.
Журналист: Цавæр горæт у?
Вадим: Горæт у рæсугъд æмæ сыгъдæг.
Журналист: Вадим, нæхи горæтимæ абаргæйæ та?
Вадим: Æмæ цы ис нæхи горæтимæ абарæн та? Нæ Терчы был, нæ парк, Къостайы номыл проспект, нæ хæхтæ. Ехх, Аннæ, мæ зæрдæмæ мын сагайын кодтай. Тæхуды ныртæккæ уым фест.
Журналист: Æз дæн ныртæккæ парчы. Равдисон дын æй?
(идет показ парка)
Вадим: Раст цыма уым уыдтæн æцæгæйдæр. Бузныг дын, Аннæ.
Журналист: Вадим, æнтыстдзинæдтæ дын æмæ фембæлдмæ.
Дзæуджыхъæу – Дубай
Журналист: Дубай, Дзæуджыхъæу æнхъæлмæ кæсы.
Хъусут мæ?
Сармат: Хъусын дæ Дзæуджыхъæу.
Журналист: Дæ бон хорз, Сæрмæт.
Сæрмæт: Дæ бон хорз дæуæн дæр.
Журналист: Афтæ зæгъынц æмæ Дубай диссажы рæсугъд горæт у.
Сæрмæт: Раст дзурынц, Дубай у тынг рæсугъд горæт.
Журналист: Дубайы цæрынмæ баззаис?
Сæрмæт: Цæрынмæ нæхи Дзæуджыхъæуæй æндæр никуы сразы уаин. Алкуыдæр хорз у, фæлæ нæхимæ хуыздæр.
Журналист: Бузныг, фембæлдмæ.