Оригинальные идеи,

сценарии для досуга

Материалы для обучения

в любых сферах

Готовые решения

на любой возраст

Зарабатывайте

на своих креативах

Возраст
Предметы
Классы
Категория
Формат
Цена
  1. Главная
  2. Другие
  3. Презентация книги "Цар"

Презентация книги "Цар"

Мыггаг равзæры, райрæзы æмæ уидæгтæ ауадзы. Йæ уидаг цас фидар разына, уымæ гæсгæ схæцынц сæхиуыл йæ къабæзтæ дæр. Уидæгтæй аразгæ у йæхиуыл куыд схæцдзæн æмæ кæуылты фæцæудзæн тала, уый. Нæ фыдæлтæ искæимæ бахæстæг кæныны агъоммæ фарстой мыггагæй. Æнæмæнгæй раст хъуыддаг. Мыггаг та фидауын кодтой лæгдзинад æмæ кад. Чехойты мыггаг уыцы миниуджытæй æнæхай нæу. Уый æвдисæнæн уын ракæндзынæн иу таурæгъ «Чехойты дугъ», зæгъгæ. Раджы нæ фыдæлтæй иу уыд Чехойты Гæбыс. Гæбысæн уыдис авд лæппуйы. Гæбыс уиды дзырдзæугæ, кадджын æмæ хъæздыг лæг. Куы амард, уæд, куыд кадджын лæг уымæ гæсгæ дзы уыдис бæхы дугътæ æртиссæдз бæхæн. Хуынд уыдысты хуыздæр æмæ арæхстджындæр æхсджытæ хъримагæй, цыппар æмæ ссæдз адæймаджы та, хъабахъхъыл чи сбырыдаид, ахæмтæ. Ацы сгуыхтдзинæдтæ чи сарæзтаид, уымæн нысан уыди фондз лæвары: дугъы чи фæразæй уа- 1- 5 туманы 2- 4 туманы 3- 3 туманы 4-2 туманы 5-1туман афтæ хъабахъхъыл чи сбырыдаид, уыдонæн дæр. Бæхтимæ нысангонд уыди Гæбысæн йæхи къуда бæх дæр.Адæмæн зындгонд уыд , Гæбысы къуда, фыдуынд бæх ахæм дугъты фыццаг лæвар кæй иста, уый. Фæлæ барæджы балхæдæуыд æмæ барæг æрдæг фæндагыл йæхи аппæрста. Бæх æнæ барæгæй уайы æмæ сæ фæсте ныууагъта. Гæбысы къуда бæх æрбаразæй æмæ адæм ныхъхъæр кодтой «Чехойты дугъ æрбахæццæ!» Ардыгæй рацыд уыцы ныхас «Чехойты дугъ схæццæ!», зæгъгæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый уыди лæгдзинад.

Вид сценария

Другие

Категория

Другие
Формат Текстовые документы
Бесплатно

Цифровая загрузка

Описание Отзывы (0) Вопросы автору (0) Другие проекты автора

Описание проекта

Чехойты Сæрæбийы роман «Цæр»-ы презентацийы сценарий.

Фойе : Чехойты Сæрæбийы тыххæй æрмæджыты равдыст.

музыкæ.

Залмæ бацæуæны чызг æмæ лæппумæ буклеттæ. Дæттынц сæ уазджытæн.

Сценæйыл тымбыл стъол, йæ уæлæ Сæрæбийы портрет, цырагъ, пъеро æмæ гæххæтт/ сырх æмбæрзæн

Райдайæн. Музыка /Ф.Алборов 2 симф

Актер рацыд (слева) . Кæсы 3ф 8 рæнхъы «Цæр»-æй / Димæ

Ам та дæн….. æмæ ссыгъта цырагъ. Музыка.

ВЕД, Уæ бон хорз, нæ зынаргъ уазджытæ. Абон ирон литературæйæн у стыр бæрæгбон. Ирон литературæйы къæбиц фæхъæздыгдæр .Нæ фембæлд у ирон поэт Чехойты Сæрæбийы æмдзæвгæтæй фыст роман «Цæр» рухс кæй федта, уый фæдыл.

Нæ абоны уазджытæ сты:

1.Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы сæргълæууæг Битарты

Вячеслав;

2.Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Хицауады Сæрдары фыццаг

хæдивæг Сæбæтхъуаты Æхсарбек ;

3. Цæгат Ирыстоны ахуырады министр Азимты Иринæ;

4. Цæгат Ирыстоны культурæйы министр Милдзыхты Руслан ;

5. Цæгат Ирыстоны культурæйы министры хæдивæг Дудайты Чермен;

7.Фысджыты Цæдисы сæрдары хæдивæг Скъодтаты Эльбрус;

8.Уæлдæфон– Десантон æфсады ветеранты советы сæрдар Золойты 

Игорь;

9.Æппӕтдунеонӕхсӕнадон змӕлд"Иры Стыр Ныхас"-ы Координацион

советы сӕрдар Кучиты Руслан ;

10. Газет «Рæстдзинад»-ы уацхæссæг, Уæрæсейы фысджыты цæдисы

уæнг, Колыты Аксойы номыл премийы лауреат Гасанты Валерий;

11. Газет «Рæстдзинад»-ы уацхæссæг Техты Тамерлан;

12. Рауагъдад «Ир» Цопанаты Аллæ;

13.Алагиры районы сæргълæууæг Бутаты Арсен;

14. Алагиры районы парти «Фыдыбæстæ»-йы хайадысæргълæууæг 

Цогойты Феликс;

15.Фидараты Таймураз, парти«Фыдыбæстæ»-йы республикон фæсивæ

дон хайады разамонæг;

16. Деметы Ибрагим Уæрæсейы скульпторты цæдисы уæнг;

17.Колити Влад Цæгат Ирыстоны академион театры аивадон разамонæг;

18.Алагиры районы сæйраг библиотекæйы минæвæрттæ;

19. Дзæуджыхъæуы центрон библиотекæйы минæвæрттæ.

20.Томайты Мисурхан – литературæйы музейы директор.

Æмæ ныхасы бар:

  1. Битарты Вячеславæн

  2. …..

  3. Арфæйы ныхæстимæ - Чехойты Барис

  4. .

НАЧИНАЕТСЯ

Ролик Чехойты мыггаджы тыххæй.

Мыггаг равзæры, райрæзы æмæ уидæгтæ ауадзы. Йæ уидаг цас фидар разына, уымæ гæсгæ схæцынц сæхиуыл йæ къабæзтæ дæр. Уидæгтæй аразгæ у йæхиуыл куыд схæцдзæн æмæ кæуылты фæцæудзæн тала, уый.

Нæ фыдæлтæ искæимæ бахæстæг кæныны агъоммæ фарстой мыггагæй. Æнæмæнгæй раст хъуыддаг. Мыггаг та фидауын кодтой лæгдзинад æмæ кад. Чехойты мыггаг уыцы миниуджытæй æнæхай нæу. Уый æвдисæнæн уын ракæндзынæн иу таурæгъ «Чехойты дугъ», зæгъгæ.

Раджы нæ фыдæлтæй иу уыд Чехойты Гæбыс. Гæбысæн уыдис авд лæппуйы.

Гæбыс уиды дзырдзæугæ, кадджын æмæ хъæздыг лæг. Куы амард, уæд, куыд кадджын лæг уымæ гæсгæ дзы уыдис бæхы дугътæ æртиссæдз бæхæн. Хуынд уыдысты хуыздæр æмæ арæхстджындæр æхсджытæ хъримагæй, цыппар æмæ ссæдз адæймаджы та, хъабахъхъыл чи сбырыдаид, ахæмтæ.

Ацы сгуыхтдзинæдтæ чи сарæзтаид, уымæн нысан уыди фондз лæвары: дугъы чи фæразæй уа- 1- 5 туманы

2- 4 туманы

3- 3 туманы

4-2 туманы

5-1туман афтæ хъабахъхъыл чи сбырыдаид, уыдонæн дæр.

Бæхтимæ нысангонд уыди Гæбысæн йæхи къуда бæх дæр.Адæмæн зындгонд уыд , Гæбысы къуда, фыдуынд бæх ахæм дугъты фыццаг лæвар кæй иста, уый. Фæлæ барæджы балхæдæуыд æмæ барæг æрдæг фæндагыл йæхи аппæрста. Бæх æнæ барæгæй уайы æмæ сæ фæсте ныууагъта. Гæбысы къуда бæх æрбаразæй æмæ адæм ныхъхъæр кодтой «Чехойты дугъ æрбахæццæ!»

Ардыгæй рацыд уыцы ныхас «Чехойты дугъ схæццæ!», зæгъгæ.

Кæй зæгъын æй хъæуы, уый уыди лæгдзинад.

Текст бакаст Бытъыты Роберт

Уæдæ уыцы дзырддзæугæ мыггаджы хсæн зынгæ бынат ахсы

Чехойты Сæрæби. ( музыка) Выходят дети, становятся по рисунку.

ВЕД: Цæстуарзон, сыгъдæгзæрдæ, æргом ныхас - уыцы миниуджытæй се ппæтæй дæр Чехойты Сæрæбийæн Хуыцау цæстуарзон хай бакодта. Сæрæбийы цардвæндаг хъæздыг у.Сæрæби канд поэт нæ уыд, уыди ма публицист æмæ æхсанадон кусæг. Сæрæби куыста ахуыргæнæг, скъолайы директор, Республикæйы куклаты театр «Саби»- йы директорæй, литературæйы æмæ рауагъдады хъуыддæгты сæйраг управленийы æмæ районы газет «Ленины тырыса»- йы кусæг.

чт. : Чехойты Шамилы фырт Сæрæби райгуырди 1916 азы Садоны районы Бадыхъæуы. Уæлладжыры ком хъуыстгонд у йæ рæсугъддзинадæй. Адæймаджы цæст дзы не фсæды. Сæрæби æгæрон уарзтæй уарзта йæ фыды уæзæг.

Фыды къæсæр, фыды къæсæр, зынаргъ дæ,

Дæумæ та мæ æрыздæхын хъуыди.

Кæмфæнды дæр, куыд дæм æрцæуон тагъддæр,

Æз ууыл кодтон хъуыды.

Зæххы къорийыл бирæ ис бæстæтæ,

Æнæ дæу мын æппæт зæхх дæр- къуындæг.

Дæуæй райдайы райгурæн бæстæ дæр,

Дæумæ тырны кæцæйдæриддæр лæг.

Кæм райгуырдтæн, кæм кодтон хъомыл раздæр,

Кæм сахуыр дæн хæдзар зонын фыццаг…

Дæуæй æз балцы цал хаты фæраст дæн!

Ныр дæр та дæм ыссардтон æз фæндаг.

Æз цин кæнын, фæзылдтæн кæд кæмдæрты,

Уæддæр та ног кæй бахызтæн дæ сæрты.

чт.: Сæрæбийæн скъоламæ цæуын афон дæр нæма уыд, афтæ хæххон адæмæн фæци быдыры уæрæх фæтæнты æрцæрыны фадат, æмæ йæ фыд Шамиль йæ бинонтимæ йæ бынатæй сыстынмæ нæ базивæг кодта, фæлæ æппæты фыццæгтимæ быдырмæ ралыгъд.

чт.: Уæлладжыры бирæ хъæуты цæрджытимæ иумæ æрбынат кодтой æрджынарæгмæ хæстæг Урсдоны рахиз фарс æмæ сæ хъæу схуыдтой Бæрæгъуын – Красногор..

Фидæны поэт ныййарæджы рæвдыд нæ федта. Хохы ма куы цардысты, уæд амард йæ мад Нартыхъон, æмæ хæдзары дзаг сывæллæттæ сидзæрæй баззадысты.

Æмдз. «Мады цырты раз» Тамара Персаева

чт.: Цыппар хо æмæ цыппар æфсымæры кæстæр уыди Сæрæби. Мæнæ куыд фыста Бигъуылаты Харитон 1940 азы :


« 1928 азы 12-аздзыдæй Сæрæби бацыди Красногоры æнæххæст астæуккаг скъоламæ æмæ йæ каст фæци 1935 азы. Уыцы аз октябры мæйы бацыд Цæгирпединституты цæттæгæнæн иуазыккон курсытæм, фæлæ уый каст нæ фæци. 1938 азы бацыд ахуыргæнджыты институты литературон факультетмæ æмæ йæ каст фæци 1939 азы. Фæскомцæдисы рæнхъытæм бацыд 1931 азы, уыцы аз райдыдта фыссын æмдзæвгæтæ дæр».

чт.:Бонæй-бон фидардæр кодта йæ хъæлæс. Азтæ йыл куыд фылдæр цыд, афтæ йæхимæ æнкъарын байдыдта фылдæрæй-фылдæр хъарутæ, фæлæ йын сæ сфæлдыстады равдисыны фадат нал фæци. Райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст.

чт.: Уырдæм сæ хотыхтæ рабастой Шамилы цыппар фырты дæр. Фæдисæтты рæнхъыты æрлæууыдысты Чехойты æфсымæртæ: Алыбег, Серги, Федыр æмæ Сæрæби.

8чт. Ард

Хæрын дын ард дæ разы, мæ бæстæ,

Куы внала нæм исчи, мыййаг,

Цæттæ дæн уæд тохмæ. Æд гæрзтæ

Цæудзынæн æппæты фыццаг.

Æнцон мæм кæсдзæни мæ зын дæр

Дæ сæрыл, сæрибары дуг!

Кæм бахъæуа туг калын, уым дæр

Ныккалдзынæн , зон æй, мæ туг!

Нæ уыдзæн !..Цагъайраг уæвынмæ

Мах ногæй нæ ратдзыстæм цард!

Цæттæ дæн дæ сæрыл хæцынмæ,-

Хæрын дын æз уый тыххæй ард!

чт.: Хæст фæци. Цы баисты, куыд фесæфтысты æртæ æфсымæры? Чи сын цы зоны? Æрмæст Федыр хаст æрцыд «Мысинæгты чиныгмæ». Уыдон , Сæрæбийæ фæстæмæ , иууылдæр сæ сæр нывондæн æрхастой Райгуырæн бæстæйы сæрибардзинады сæраппонд.

Чт. Хæсты быдыры чи баззад, йæ уд нæ абоны рæсугъд цардæн чи снывонд кодта, уыдоны ном æрымысæм /Минута молчания , затем песня «Ех , дороги» в исп. казачьего хора.

чт. Райгуырæн бæстæмæ цыппар æфсымæрæй сыздæхт æрмæст Сæрæби. Стыр нысантæ æвæрдта æрыгон поэт йæ размæ, фæлæ хъысмæтмæ æндæр уынаффæтæ уыд: хæсты фæудыл дыууæ азы дæр нæма рацыд , афтæ Чехойы-фырты æрцахстой æмæ йын, æппындæр æм ницы аххос уыд, афтæмæй дæс азы стæрхон кодтой.

чт. : Мæнæ куыд фыссы уый тыххæй йæхæдæг:

Уыди тымыгъ. Нæ банцади æваст.

Лæджы зондахаст иннæрдæм фæлдæхти.

Кæрæдзи адæм нал æмбæрстой раст,

Æмæ дзы растдæр чи уыди, уый сæфти.

Сæрæби иу æхсæз азы куы абадт, уæд ныффыста Фадеевмæ писмо. Фадеев уыцы писмоимæ бацыд Сталинмæ. Уыцы фембæлды фæстæ Сæрæбийы суæгъд кодтой - æрцыд реабилитацигонд.

чт.: Цыфæнды зын уавæрты дæр Сæрæби йæхимæ хъусыныл никуы фæци. Кæддæриддæр йæ хъуыдытæ литературæимæ баст уыдысты. Йæ царды сæйраг нысан поэзи хуыдта.

чт.:Цард æнæфæугæ у, кæд дзы алы адæймаджы цардæн дæр йæ кæрон æрхæццæ вæййы,уæддæр. Æнусон нæу фыссæджы цард дæр. Æнусон сты, адæмы зæрдæмæ фæндаг цы уацмысты фæрцы ссардта, арф бынат дзы цы сфæлдыстадон бынты фæрцы бацахста, уыдон.

Дзоблаты Анатолий Сæрæбийы æмдзæвгæтæм ныффыста музыкæ æмæ азæлыд зарæг.

Зарынц Будайчиты Сухраб æмæ Секъинати Илитæ. /дети уходят

« Рох дæ ма уæд»

ВЕД, Сарæбийæн мыхуыры рацыд 4 чиныджы :

  1. «Æргом зæрдæ» -1940 аз

  2. «Лирикæ» - 1958аз

  3. «Къæсæр» - 1964 аз

  4. «Айдæн» - 1968аз

Ацы чингуыты автор равдыста йе нкъарæнтæ.

АКТЕРСКИЙ БЛОК.

Сæрæбийы хуымæтæг поэт рахонæн нæй .Фембæлдмæ куы цæттæ кодтон мæхи, уæд бакастæн Сæрæбийæн йæ фыстæг Фадеевмæ. Ацы фыстæджы Сæрæбийæн раргом йæ уды хъæздыгдзинад. Æз федтон йæ Райгуырæн бæстæ æгæрон уарзтæй чи уарзы, ахæм адæймаджы. Сæрæби нæу хуымæтæг. Уый уыд арф хъуыды кæй сæры æвæрд уыд, царды сæйраг уавæртæ раст чи иртæста, абон æмæ райсом раст бæттын чи зыдта, ахæм философ. Æгæр хорз базыдта царды фæзилæнтæ.

Адæймаг уыйбæрц куы фены, уыимæ ма фыссынмæ дæр куы фæарæхсы, уæд райгуырынц рæнхъытæ, æмдзæвгæтæ.

Бирæ азты дæргъы фæкуыста Сæрæби æмдзæвгæтæй фыст роман «Цæр!»-ыл. Ирон æвзагыл ахæм куысты хуызы фыст уацмыс йæ размæ нæуыд, ничима снывæзта абоны онг дæр.

Ацы роман бирæ азты дæргъы рохуаты баззад тæрхæгыл. Куыд æмæ кæй фæрцы федта ацы роман рухс, уый тыххæй зæгъдзæн Чехойты Батрадз.

Фæзынд роман. Федта рухс. Цы рахаста цардмæ? Цы зæгъынмæ хъавыд Сæрæби йæ фæстæгæттæн? Цæуыл уыд йæ зарæг?

Ныхасы бар чиныджы редактор Техты Тамерланæн.

Чехойты Сæрæби ирон литературæйæн зæрдиагæй фæлæггад кодта. Йæ хъарутыл никуы бацауæрста. Цы бирæ уацмыстæ ныффыста, уыдоны хуыздæртæ адæмы зæрдæйы æвзæрын кæндзысты рухс хъуыдытæ, амондджын бæллицтæ.

Сæрæби уарзта цард, уарзта фæсивæд æмæ сын сæ рæсугъддзинадмæ бæллыд. Хæрзаудæн уыл кæнæд.

Абон ардæм чи æрбацыд, уыдонæн та мыггаджы номæй нæ зæрдиаг арфæ. /танец «Хонгæ»

Уæ хорзæхæй, иумæйаг къам сисынмæ саккаг кæнут.

Чехойты Батраз Сæрæбийы сфæлдыстадон фæндагыл рагæй цæуы.

2011 аз- Сæрæбийы юбилейон 95 азы кадæн мысæн изæр Алагиры администрацийы;

2015 аз – литературæйы аз. Алагиры музейы ;

2016аз –100 азы юбилейы кадæн мысæн изæр Дзæуджыхъæуы 1-аг горæты библиотекæйы .

2017 аз – кæсджыты конкурс районы скъоладзауты æхсæн.

Отзывы (0)

Рейтинг проекта:
0

Вопросы (0)

Другие проекты автора

Зарæг нывæндгæйæ, Зæрдæ цæмæн риссы? Хорз зарæг афтæ арф Риумæ цæмæн хизы? Лæппу уыди тынг зæрдæргъæвд .Алиханæн йæ уæды тетрæдты ссарæн ис æмдзæвгæты рæнхъытæ, нывтæ.Алихан хорз зыдта ирон фæндырæй ,гитарæйæ , балалайкæйæ æмæ скрипкæйæ цæгъдын. 7. Токаты лæппуйы сфæлдыстадон фæндагмæ куы акæсæм, уæд нæ фидарæй уырны, Алихан ирон поэзийы адмирал кæй у, уый – фыста поэт Дзуццаты Хадзы-Мурат. 1.Автор поэзийы объектæн райста,ирон адæм незамантæй фæстæмæ кæй зонынц, сæ зонды чи ныффидар,фыдæлтыккон таурæгъæй нæм чи æрцыди,уыцы «цыкурайы фæрдыг» 2. «Цыкурайы фæрдыг»./ 3. Цыкурайы фæрдыг у лæджы идеал,цæроæнбонты бæллиц,фæлтæрты зонд æмæ зæрдæйы рухс. Уый у дзыллæйы амонд. 4.Зарæг «Цыкурайы фæрдыг»
0 ₽
Къостайы фæдонтæ 2017-2018аз. Коцойты Арсен, Бестауты Георги, Хъодзаты Æхсар. Чехойты З.Х. Сценæйыл стъол. Йæ уæлхъус бадынц æртæйæ. Музыка . /за кулисами и на экране/слайд Ведущая :Нæртон фæсивæд, амондыл хæст ут,- Æнус – æнус зæххы фарнæй æфсæст! 38 –æм скъола уæ хоны литературон къæбицмæ Амонæг. Къостайы фарн фæлтæрæй фæлтæрмæ. Уæ бон хорз , зынаргъ уазджытæ . Нæ абоны фембæлды мах фæнды æрныхас кæнын ирон литературæйы минæвæрттæ . нæ юбеляртæ : 1. Коцойты Арсен – йæ сæдæ цыппор фондз азы; / слайд 2. Бестауты Георги – йæ æстай фондз азы æмæ /слайд 3. Хъодзаты Æхсары æстай азы фæдыл. /слайд Ныхасы бар дæуæн……………… 1 –аг. Æз зæгъдзынæн Арсены тыххæй. Коцойты Арсены сфæлдыстад у ирон литературæйæн йæ кад æмæ сæрыстырдзинад. Арсены æхсæнадон – рухсадон æмæ сфæлдыстадон куыстæн стыр аргъ скодта Советон хицауад : фыссæг 1939 азы хорзæхджын æрцыд орден «Кады нысан»-æй. Арсен уыд царды трагизмы нывгæнæг. Лæгдзинад æмæ рæсугъд удыхъæдыл кадæджы хуызæн у радзырд «Саломи» дæр. Ацы уацмыс бæрзонд исы мады фарн, мады намыс. Муз. Вставка. Сценка «Саломи». Архайджытæ : мад……………. Сопи…….. Мелани…………….. Сценæйыл фæзындысты Саломи йæ чызджытимæ.
0 ₽
Сценарий телемоста «Владикавказ – города мира» Место проведения: центральный парк им. К.Л. Хетагурова Видео фон: горы, орел Музыкальный фон: минус песни «Синий город» На фоне музыки журналист читает стихотворение Первая строчка звучит прямым, дальше идет фон и показываем город. Журналист: Дзæуджыхъæу уарзон æмæ адджын у æрмæст йæ цæрджытæ æмæ уазджытæн нæ, фæлæ фæсарæйнаг бæстæм чи рафтыд æмæ Уæрæсейы иннæ горæтты чи цæры, уыдонæн дæр. Абон техникæйы фæрæзтæ ахæм стыр гæнæнтæ дæттынц æмæ мах сфæнд кодтам саразын телемост не мзæххонтимæ. Табуафси. Дзæуджыхъæу - Мæскуы Журналист: Мæскуы, Дзæуджыхъæу æнхъæлмæ кæсы. Хъусут мæ? Ангелина: Хъусын дæ Дзæуджыхъæу. Журналист: Ангелина, дæ бон хорз! Ангелина: Аннæ, дæуæн дæр зæрдиаг саламтæ Журналист: Мæскуы дæ зæрдæмæ фæцыди? Ангелина: Мæскуы фæцыди мæ зæрдæмæ æнæмæнгæй. Журналист: Нæхи горæтæй тынгдæр? Ангелина: Мæскуыйы бирæ зындгонд æмæ рæсугъд бынæттæ ис, фæлæ уæддæр нæхи горæт æндæр у, адджындæр. Журналист: Разы дæн демæ, Ангелина. Фембæлдмæ. Ангелина: Хæрзбон
0 ₽