Мыггаг равзæры, райрæзы æмæ уидæгтæ ауадзы. Йæ уидаг цас фидар разына, уымæ гæсгæ схæцынц сæхиуыл йæ къабæзтæ дæр. Уидæгтæй аразгæ у йæхиуыл куыд схæцдзæн æмæ кæуылты фæцæудзæн тала, уый.
Нæ фыдæлтæ искæимæ бахæстæг кæныны агъоммæ фарстой мыггагæй. Æнæмæнгæй раст хъуыддаг. Мыггаг та фидауын кодтой лæгдзинад æмæ кад. Чехойты мыггаг уыцы миниуджытæй æнæхай нæу. Уый æвдисæнæн уын ракæндзынæн иу таурæгъ «Чехойты дугъ», зæгъгæ.
Раджы нæ фыдæлтæй иу уыд Чехойты Гæбыс. Гæбысæн уыдис авд лæппуйы.
Гæбыс уиды дзырдзæугæ, кадджын æмæ хъæздыг лæг. Куы амард, уæд, куыд кадджын лæг уымæ гæсгæ дзы уыдис бæхы дугътæ æртиссæдз бæхæн. Хуынд уыдысты хуыздæр æмæ арæхстджындæр æхсджытæ хъримагæй, цыппар æмæ ссæдз адæймаджы та, хъабахъхъыл чи сбырыдаид, ахæмтæ.
Ацы сгуыхтдзинæдтæ чи сарæзтаид, уымæн нысан уыди фондз лæвары: дугъы чи фæразæй уа- 1- 5 туманы
2- 4 туманы
3- 3 туманы
4-2 туманы
5-1туман афтæ хъабахъхъыл чи сбырыдаид, уыдонæн дæр.
Бæхтимæ нысангонд уыди Гæбысæн йæхи къуда бæх дæр.Адæмæн зындгонд уыд , Гæбысы къуда, фыдуынд бæх ахæм дугъты фыццаг лæвар кæй иста, уый. Фæлæ барæджы балхæдæуыд æмæ барæг æрдæг фæндагыл йæхи аппæрста. Бæх æнæ барæгæй уайы æмæ сæ фæсте ныууагъта. Гæбысы къуда бæх æрбаразæй æмæ адæм ныхъхъæр кодтой «Чехойты дугъ æрбахæццæ!»
Ардыгæй рацыд уыцы ныхас «Чехойты дугъ схæццæ!», зæгъгæ.
Кæй зæгъын æй хъæуы, уый уыди лæгдзинад.